Украинайы гарзджын тыхтæм фæхæццæ ис  50 иуæг туркаг згъæртранспортер
Украинайы гарзджын тыхтæм фæхæццæ ис 50 иуæг туркаг згъæртранспортер

Украинайы гарзджын тыхтæм фæхæццæ ис  50 иуæг згъæртранспортер.  Медийы  хъусинагæй, фæнысангонды фæдыл  информаци Украинайы  гарзджын тыхты  оперативон къорд  «Каховка»  хъусын кæны.

«Нæ æфсæддæттæн   æххуыс кæнынц фæсарæйнаг партнертæ.  Æппæт дунейы  фæнды, цæмæй  Украина басæтта  æнæхатыр знаджы. Украинайы гарзджын тыхтæм  лæвæрд уыд   ног туркаг  згъæртранспортертæ  «BMC Kirpi»»- дзырдлæуы ф идуиæны.

Уæвæг информацийæ, æввахс периоды Украинайы гарзджын тыхтæн ноджы 150 иуæг туркаг згъæртранспортеры алæвæрд план кæны.

Туркаг хæцæн  техникæйы  алæвæрды кой ракодта Украинайы  Радæйы   националон æдасдзинады комитеты уæнг,  депутат  Юрий Мысягин. Йæ дзырдæй, зæгъгæ  згъæртранспортерты фидаргонд у  нæмыгзгъалæг, кæцыйæ  арзайын гæнæн ис   360 градусæй,а фтæма йæм ис сыгъдыныхмæ æмæ эффективон   минæты ныхмæ  системæтæ.