Украинайы æмæ Уæрæсейы æхсæн  уацайрæгты радоны баивды фæстиуæгæн, Уæрæсейы уацарæй 60 æфсæддон ссæрибар ис
Украинайы æмæ Уæрæсейы æхсæн уацайрæгты радоны баивды фæстиуæгæн, Уæрæсейы уацарæй 60 æфсæддон ссæрибар ис

Украина æмæ Уæрæсейы æхсæн  уацайрæгты радон баивд ацыд. Украинайы  президенты офисы кухдариуæггæнæг Андрей Ермакы  хъусинагæй,   Уæрæсейы  уацарæй  Украинамæ æздæхынц 60  æфсæддон, кæцыты нымæцы сты  Мариуполы æмæ «Азовсталы»  хъахъъхæнджытæ.

Ермакы  фидиуæнæй,   уацарæй  ссæрибар сты  Мариуполы  34 хъахъхъæнæг, уыдонæй 14  «Азвосталы»  хъахъæнджытæ сты. Ссæрибаргондтьы нымæцы  афтæдæр сты  æфсæддæттæ, кæцытæ Уæрæсейы  контролгонд цæрæн пункт Еленовкайы уыдысты.

Йæхи æрдгæй Уæрæсейы хъахъъхæнынады уагдон Украинайы  уацарæй  60 уырыссаг æфсæддоны æрыздахыны  фæдыл  информаци хъусын кæны.