Украинайы æддагполитикон уагдон – Украина хъæддых йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, Уæрæсе деоккупаци хъуамæ скæнæт Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территоритæ
Уæрæсе, деоккупаци хъуамæ скæнæт Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территоритæ, уырыссаг æфсæддон фыдгæнджытæ та тызмæг дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуой, – уый фæдыл Украинайы фæсарæн хуъыддæгты министрады фидиуæны у банысангонд.
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, Дунейы дзыллæйæ, Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст агрессийыл æмбæлгæ дзуапп кæй нæ уыдис, уый тыххæй 2014 азы Уæрæсе адарддæр кодта тыхæйисæг архæйдтытæ Укранайы.
«7 августы 14 аз сæххæст ис Гуырдзыстоны ныхмæ Уæрæсейы Федерацийы гарзджын фыдракæнд райдаынæй. Зæгъæн ис декадæ æмæ æрдæджы фæстæ, Уæрæсе дарддæр кæны тыхæйисæг политикæ Гуырдызстоны ныхмæ, оккупацийы дары Абхаз æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстон, гуырымыхъхъ халы адæймаджы бартæ Гуырдзыстоны ацы территоритыл. Украина хъæддых йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст агрессийыл дунейы дзыллæйæ æмбæлгæ дзуапп кæй нæ уыдис уый тыххæй, 2014 азы Уæрæсе адарддæр кодта тыхæйисæг архæйдтытæ Украинайы – сыххæст кодта Хъырымы æмæ Донецк æмæ Луганскы зылдты хайгай оккупаци, æрмæст 2022 азы 24 февралы райдыдта æххæстмасштабон хæст Украинайы ныхмæ.
Уырнæг стæм, цæмæй ис гæнæн Уæрæсейы Федерацийы агрессивон политикæ бауромын æхсæнадæмон дзыллæйы иумæйаг тыхархайдæй, Уæрæсейы ныхмæ санкциты режимы карз хъахъхъæды æмæ уыцы бæстæтæн æппæтылæххæссæг фарсхæцынæй, кæцытыл Мæскуы æххæст кæны аргеси. Уæрæсе, Гуырдзыстоны æмæ Украинайы территориты хайы деоккупаци хъуамæ скæнæт æмæ уырыссаг æфсæддон фыдгæнджытæ та тызмæг дзуаппмæ лæвæрд æрцæуæд», – дзырдæуы фидиуæны.