Украинайы æддагполитикон уагдон – публикон мадзалы æфсæддон фыдгæнæгимæ иумæ хайад райсын у, Украинайы ныхмæ аморалон æмæ æнæхæлар къахдзæф
Украина 9 майы Мæскуыйы уагъд мадзæлтты хайад райсын æнæхæлар къахдзæфыл нымайы – уый фæдыл Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны дзырдæуы.
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæн æххæссы Сомихыстоны, Хъазахы, Хъиргизы, Таджикистаны, Туркменистаны æмæ Узбекистаны лидерты мадзалы хайад райсынмæ.
Украинайы æддагполитикон уагдоны банысан кодтой, цææмй мадзалы цыды рæстæджы, Уæрæсейы презердент владимир путин сраст кодта Украинайы горæтты æмæ хъæуты пырх.
«Нымайæм цæмæй ацы паддзхахадты лидерты хайад райсын публикъон мадзæлтты æфсæддон фыдгæнæджы фарсмæ, кæцы парады раззаг æхсæв 25 базырджын ракетæ фехста Украинайы æрдæм у аморалон æмæ æнæхæлар къахздзæф Украинайы ныхмæ, украинаг адæммæ хæрамдзинады равдыст, кæцы тох кæны фервæзын кæнынæн æмæ сæрибардзинадæн» – банысангонд у Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.