Украинайы адæмон  барты хъахъхъæнæг Михеил Саакашвилийы  бабæрæг кодта
Украинайы адæмон барты хъахъхъæнæг Михеил Саакашвилийы бабæрæг кодта

Саакашвили нымайы, цæмæй 18-æм  уагдоны  уæвæг ахæсттæ  уымæн   сты тæссаг –  уый фæдыл Украинайы   адæмон барты хъахъхъæнæг  Людмила Денисова райхъусын кодта, кæцы Михеил Саакашвилийы  бабарæг кодта Руставы 12-æм  уагдоны.

Денисовайы  дзырдæй,  Украинайæ  æрцæугæ  дохтыр Михеил Саакашвилийы   бабæрæг кæндзæн.

«Уымæн боны мидæг дыууæ хатт аразынц  анализтæ. Абон дæр  йын систой æмæ  ныр  та æмбæлы дохтыримæ.  Анализты дзуаппытæ нырма  бæрæг не сты.  Фæлæ  æрцыдис украинаг  дохтыр æмæ  мæ ныфс ис, цæмæй абон кæнæ сом  сæйумрайсомы уый дæр бабæрæг кæндзæн Михеил Саакашвилийы æмæ  нын  уыдзæн фæстиуджытæ, уый  йæ  куы басгардзæнис  уæд.

Саакашвили дзуры, цæмæй  цæ цард  фарсты бын  ис; дзуры цæмæй  уый у Путины ахæст  æмæ хъусын кæны, цæмæй  йæ сеппæтæй  фылдæр нæ фæнды, исты разнаггад кæна  Украинайæн  æмæ  расайа тугкалд Гуырдзыстоны.  Уый тыххæй  уый  алцыппæт сараздзæн, цæмæй   афтæ ма  æрцæуа» – дзуры Людмила Денисова.

Людмила Денисова  дзуары, цæмæй   Украинамæ  ныццыды фæстæ,  уымæ уæвæг информаци  базонын кæндзæн Европæйы бæстæты  минææрттæн, европарламентæн.  Уыимæ иумæ ма,   хъуыддагыл  ныхас  йын уыдлзæн  Украинайы преиздентимæ дæр.

«Æз куыд  Украинайы  Радайæ,  адæймаджы барты  хъахъхъæдыл æххæстбарджын  уæнг,  æрцыдтæн  Украинайы æмбæстагмæ.  Мæ бон,  констатаци скæнын, цæмæй  бæрæг сты адæймаджы  барты хæлды,  сæрмагондæй та  медицинон  лæггады,  процессуалон барты, дины сæрибардзинады хæлд, уымæн  æмæ йæм æрмæст уыцы  сауджынты  бауадзынц, кæцытæ  сты сæхи фæндон,  фæлæ йæм нæ уадзынц  уыцы  аргъуанархайджыты  кæцытимæ фембæлын фæнды  Саакашвилийы. Украинамæ ныццыды фæстæ  ацы  информаци базонын кæндзыстæм европæйы  бæстæты  минæвæрттæн. Ныффысдзынæн   хатдзæг  æмæ  йæ  арвитдзынæн   европарламентмæ.  Ныр фембæлдзынæн Гуырдзыстоны омбудсменимæ  æмæ  хъуыды кæнæм, иумæйаг позици дæр сфиксир кæндзыстæм формæмæ гæсгæйæ. Украинайы æркурдзынæн президентимæ  фембæлын, цæмæй йын базонын кæнон  уыцы информаци, кæцы райстон, уый нымæцы  йæхæдæг Саакашвилийæ дæр» –   райхъусын кодта  Украинайы адæмон барты  хъахъхъæнæг.