Украинаг сывæллæтты Гуырдзыстоны  скъолаты фенцондæргонд уагæй  райсдзысты
Украинаг сывæллæтты Гуырдзыстоны скъолаты фенцондæргонд уагæй райсдзысты

Гуырдзыстоны хицауады  уынаффæйæ,  скъоладзаутæ, кæцытæн   2022  азы  24 февралы  Украинайы  райдайгæ   хæстон архæйдтыты  фстиуæгæн, нæй  фадат  Украинайы  скъолаты  иумæйаг ахуыр адарддæр кæнын æмæ равдисдзысты фæндон,  цæмæй ахуыр адарддæр кæной Гуырдзыстоны,  уыдоны  скъолаты  фенцондæргонд  уагæй  исдзысты.

Ахуырады министрады информацийæ,   ахуырдзауты  райст гæнæн си уыцы  кластæм, кæцыты уыдон  ахуыр кодтой  Украинайы  иумæйагрухсадон  уагдæтты, 2022 азы 24 февралы  уавæрæй.

«Гуырдзыстоны  ахуыр адарддæр кæнын кæй фæнды  уыдон, куырдиат хъуамæ бавдисой  фæндон  скъоламæ.  Украинайæ æрцæугæ скъоладзаутæн, æндæр бæстæты хуызæн, Гуырдзыстон  банхъардзæни  падздахадон æмæ  хицæн скъолаты ахыр куыд   падзахадон æвзагыл афтæ  æндæр  æфзæгтыл. Банысан кæнын хъæуы, цæмæй  абоны бонмæ  архайæг регуляцийæ, фæсарæйнаг æмбæстагæн, кæцыйы фæнды ахуыр  Гуырдзыстоны скхолайы  адарддæр кæнын,  сæрмагонд  бæстæйы ист  ахуыры  банымады  нысанæн, куырдатæй  хъуамæ баздæха  Гуырдзыстоны  гъæды прæзынады фæдыл наицон центрмæ æмæ бавдиса  æндæр æмæ æндæр типы   документаци. Фæнысангонд регуляци  Украинайæ æрцæгуæ  скъоладзаутæм нæ баххæсдзæн æмæ уыдонæн сæ бон уыдзæн   фенцондæргонд  уагæй  адарддæр кæнын ахуыр Гуырдзыстоны.  Деталон  Информацийы  райст  гæнæн ис  Гуырдзыстоны  ахуырады  æмæ  зонæдты министрады   тæвд хаххыл: (995 32) 2 200 220»-  дзырæдуы  фидиуæны.