Шалва  Папуашвили украинаг сывæллæттæн сфысым кодта
Шалва Папуашвили украинаг сывæллæттæн сфысым кодта

Ныфс нæм ис Гуырдзыстонмæ  æрыздæхдзыстут, цæмæй  фенат  уæ  хæлар бæстæ æмæ   уыдзыстут Гуырдзыстоны  зæрдæрисджытæ  Украинайæ, м зæрдæ Украинайæн  зæгъхы уæлахиздзинады  арфæтæ –  уый фæдыл   Гуырдзыстоны парламенты сæрдар  Шалва Папуашвили  парламенты  уагъд мадзалыл райхъусын кодта, цы ран Гуырдзыстон  уазæгуат уæвæг   украинаг  сабитæн  сфысым кодтой.

Шалва Папуашвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ  украинаг  сывæллæтты  Гуырдзыстоны  уæвын   сæрмагондæй нысаниуæгджын кæны  æнæрмæст парламентон  хæлардзинады  къордты, куыд  парламентон  дипломатийы  инструменты, фæлæ ма  адæймагон  ахастытæ фæарфдæры  цстæнгасæй.

Парламенты сæрдар вице-спикер Арчил Талакъвадзеæн, Украинайы Радæйы   депутаты, Людмила  Марченкойы æмæ Гуырдзыстоны хицауадæн,  сывæллæтты  æрласыны  æмæ сæ  Гуырдзыстоны  уæвыны организацидзинадæн   бузныг загъта.

Украинайы  Радæйы  депутат, Гуырдзыстоны парламентимæ  хæлардзинады   къорды æмсæрдар,Людмила  Марченко  гуырдзиаг коллегæтæн   украинаг сывæллæттæн Гуырдзыстоны  фысымдзинадæн  раарфæ кодта æмæ банысан кодта  цæмæй  дыууæ  бæстæйы хæлардзинады  рухс æмæ  дырыс  бæлвырдгæнæн у  уыцы  ахаст, кæцыйы Гуырдзыстон  æвдисы Укринайы æмæ украинаг сывæллæтты.

Мадзалы  кæрон, Гуырдзыстоны парламенты  номæй, украинаг  сывæллæттæн  зæрдылдарæн   лæвæрттæ  æмæ парламенты цытджын уазæгы  сертификаттæ  уыд лæвæрд.

Украинаг   уазджытæн  арызт уыд   тур парламентмæ.   Уый украинаг  сывæллæтты  дыккаг къорд у, кæцы  гуырдзиаг фарсы   хуындæй  æрцыд Гуыдзыстонмæ.  Украинаг   сывæллæтты   Гуырдзыстонмæ  æрласыны организацигæнæг   уыд  Гуырдзыстоны  парламенты  æмæ  культурæйы, спорты æмæ фæсивæды   министрады   иуæймаг   тыхархайдæй.