Украинаг медиайы хъусинагæй, Запорожьейы атомон электростанцæйыл гæнæн аварийы цауы æркастысты эвакуацийы план
Украинаг медиайы хъусинагæй, Запорожьейы атомон электростанцæйыл гæнæн аварийы цауы, эвакуацийы план æркастысты. Уый фæдыл информаци, «телеграммæй» ахæлиу кодта Запорожьейы æфсæддон зылдон администраци.
Бынæттон хицауады куыд фехъусын кодтой афтæмæй, нырид бакуыст у цæрджытæн гæнæн аварийы фæдыл информаци цырд фехъусын кæныны системæ æмæ уыцы фæткæвæрд, цæмæй куыд хъуамæ архайæт æмбæстæгтæ æндæр æмæ æндæрхуызæн тасы рæстæджы.
«Дырыс хъуамæ зонæм алы гæнæндзинад, уымæн æмæ уырыссаг тыхæйисджытæй, реалон тасы цауы, тæрхоны æмæ уынаффæты рæстæг нæл уыдзæн», – хъусын кæнынц Запорожьейы æфсæддон зылдон администрацийы.
Украинаг фарсы хъусинагæй, абон уырыссаг æфсæддæтты архæйдтыты тыххæй, фыццаг хатт историйы Запорожьейы атомон электростанцæ раиу ис Украинайы электрохызагæй.
Афтæдæр абон бæрæг ссис, цæмæй æнæэлектроэнергийæ баззад Уæрæсейы оккупацийы бын уæвæг горæт Энергодар, цы ран ис атомон электроснацæ, афтæма рухсы лæвæрд нæ цæуы Мелитополмæ, Херсонмæ æмæ ацы зылды цæрæн рæтты хаймæ.