Украинаг медиайы хъусинагæй, Запорожьейы атомон электростанцæйыл гæнæн аварийы цауы æркастысты   эвакуацийы  план
Украинаг медиайы хъусинагæй, Запорожьейы атомон электростанцæйыл гæнæн аварийы цауы æркастысты эвакуацийы план

Украинаг медиайы  хъусинагæй,   Запорожьейы атомон электростанцæйыл  гæнæн  аварийы цауы,  эвакуацийы  план æркастысты.  Уый фæдыл информаци, «телеграммæй»  ахæлиу кодта  Запорожьейы  æфсæддон зылдон  администраци.

Бынæттон  хицауады  куыд фехъусын кодтой  афтæмæй,   нырид  бакуыст у  цæрджытæн  гæнæн   аварийы фæдыл информаци  цырд фехъусын кæныны системæ  æмæ уыцы  фæткæвæрд, цæмæй куыд  хъуамæ архайæт  æмбæстæгтæ  æндæр æмæ æндæрхуызæн  тасы  рæстæджы.

«Дырыс хъуамæ зонæм  алы  гæнæндзинад, уымæн  æмæ уырыссаг тыхæйисджытæй, реалон  тасы цауы,  тæрхоны æмæ  уынаффæты  рæстæг нæл уыдзæн», –  хъусын кæнынц Запорожьейы   æфсæддон   зылдон администрацийы.

Украинаг фарсы хъусинагæй,  абон уырыссаг   æфсæддæтты архæйдтыты тыххæй,  фыццаг  хатт историйы  Запорожьейы  атомон электростанцæ  раиу ис  Украинайы   электрохызагæй.

Афтæдæр  абон  бæрæг ссис, цæмæй   æнæэлектроэнергийæ  баззад Уæрæсейы  оккупацийы  бын уæвæг   горæт Энергодар,  цы ран ис  атомон электроснацæ,  афтæма   рухсы  лæвæрд нæ цæуы  Мелитополмæ, Херсонмæ æмæ  ацы зылды  цæрæн рæтты  хаймæ.