Украинаг  медиа – Уæрæсейы æфсад   Украинайы  горæтты  ныхмæ   масштабон ракетон бырст æххæст кæны, Киевы хъуысынц  спырхыты  гуыппытæ
Украинаг медиа – Уæрæсейы æфсад Украинайы горæтты ныхмæ масштабон ракетон бырст æххæст кæны, Киевы хъуысынц спырхыты гуыппытæ

Уæрæсейы  æфсад  Украинайы  горæтты  ныхмæ   масштабон  ракетон   бысртытæ  æххæст кæны, Киевы   стындты  гуыппытæ  хъуысынц –  уый фæдыл информаийы  украинаг  медиа хъусын кæны.

Афтæма  сæ хъусинагæй,   Киевы, Винницайы, Днепропетровскы, Одессæйы, Житомиры зылдты  уæлдæфон  иргъæвы системæ   кусы.  Горæт Одессæйы   цалдæр стынд  æрцыд. Горæты  дыууæ электростанцæ  базиан ис.

Хæлиу кæны  информаци, цæмæй уырыссаг  æфсæддæтты   æхст ракетæтæ Львовы  зхылды  æрдæм фæтæхынц.

Украинайы  гарзджын тыхты   уæлдæфон   тыхты   пресснымæрдар  Юрий Игнат  хъусын кæны, цæмæй  Уæрæсе   сеппæтæй  фылдæр хъусдард  здахы  Украинайы  централон  хаймæ.

Хæлиу кæны  информаци,  ома хуырыссæгтæ Киевы  æрдæм  15-æй  фылдæр  базырджын ракетæ  фехста.