Украинæйы хъахъхъæнынады  тыхты   хъусын кæнынц, цæмæй  Уæрæсейы  æрдгæй  Украинæйы  æрдææм  æхсæвы  уагъд 11  æнæпилот т æхæн аппараттæ иууылдæр   æрыппæрстой
Украинæйы хъахъхъæнынады тыхты хъусын кæнынц, цæмæй Уæрæсейы æрдгæй Украинæйы æрдææм æхсæвы уагъд 11 æнæпилот т æхæн аппараттæ иууылдæр æрыппæрстой

Уæрæсе æхсæвы  Украинæйы  æрдæм  11  æнæпилот тæхæн аппараты ауагъдта,  Украинæйы  хъахъхъæнынады  тыхтæ   сæ  алкæй дæр æрыппæрстой.  Украинæйы  гарзджын тыхты   уæлдæфон иргъæфы   сæйрагкамандыгæнæг  Николай  Олещук  куыд  райхъусын кодта афтæмæй, æнæпилот хæдтæхæгы  æрыппæрстой Киевы, Днепропетровскы, Харьковы, Сумыйы æмæ Донецкы   регионты.

Параллелонæй  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады министрады  хъусын кæнынц, цæмæй  æхсæвы   Уæрæсейы   уæлдæфон  хъахъхъæнынады  системæтæ   Белгороды æмæ Курскы   цыппар   украинаг   æнæпилот тæхæн аппараты  скуынæг кодтой.