Украинæйы фарс хъусын кæны, цæмæй Киевы регионы уырыссаг бабырсты фæстиуæгæн иу адæймаг фæмард æмæ цалдæр фæцæф сты
Украинæйы фарс хъусын кæны, цæмæй Киевы регионы уырыссаг бабырсты фæстиуæгæн иу адæймаг фæмард æмæ цалдæр фæцæф сты

Киевы регионы Уæрæсейы бабырсты фæстиуæгæн иу адæймаг фæмард, цалдæр та фæцæф сты – уый фæдыл Киевы регионалон администрацийы сæргълæууæг Николай Калашник йæ Telegram каналыл ныффыста. Украинаг фарсы информацийæ, цæфгондты фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ æмæ хи хæдзæрттæ бахъыгдард сты. Районтæй иуы заводы æрцыд зынгсирвæзт, æмæ ныртæккæ цæуынц ликвидацион куыстытæ.

Украинаг медийы информацийæ, Уæрæсе 273 дронæй Украинæмæ масштабон авиацион æхст сарæзта. Украинæйы уæлдæфон тыхты къухы бафтыд 88 дроны ныппырх кæнын.

Медийы куыд хъусын кæны афтæмæй, Киевы облæстæй уæлдай, бырст бахъыгдард сты Днепропетровскы æмæ Донецкы облæсттыл.