Украинæ фæтобæ кодта бæстæмæ Уæрæсейы æмбæстаг нæлгоймæгты бацыд
Украинæ бæстæмæ Уæрæсейы æмбæстаг нæлгоймæгты бауадзын фæтобæ кодта. Уый фæдыл Украинæйы президент Петро Порошенко микроблог Twitter-ы сæрмагонд фарсыл ныффыста.
Бæстæйы архайæг хæстон уавæры фæлгæтты райсгæ тобæдзинад æххæссы 16-æй 60 азы онг кары нæлгоймæгтæм.
Украинæйы арæйнон куыст, конкретон уæнгты æрмæст уыцы цауы бауадздзæн Украинæйы территоримæ, кæд æмæ сæ фæнддзæн бæстæмæ æрцæуын «гуманитарон нысанæй».
Украинæйы президенты Петро Порошенкойы æмбарынгæнæнтæм гæсгæ, тобæдзинады нысан у Уæрæсейы æрдгæй цæугæ тас.
«Украиæнйы уынаффæйæн йæ нысан у, цæмæй Уæрæсе Украинæйы территорийыл «хицæн» æфсады формирдзинад ма бахъава, кæцы реалонæй Уæрæсейы гарзджын тыхты минæвæрттæ сты. Мах Уæрæсейæн ма хъуамæ раттæм фадат Украинæйы уыцы операцийы сæххст кæныны фадат, кæцыйы уыдон нырма 2014 азы план кодтой» – райхъусын кодта Петро Порошенко Twitter-ы сæрмагонд фарсыл.
Бакой уын кæндзыстæм, 25 ноябры Уырысаг наутæ Украинæйы катертыл, Одессæй портæй Мариуполы портмæ ленкæныны рæстæджы, æхст райдыдтой. Инциденты фæстиугææн, фæцæф сты цалдæр украинаг наудзог. Уæрæсе æртæ украинаг нау æмæ 24 украинаг наудзогы æрцахста. Анексиргонд ХЪырымы сахар Симферополы а.х. тæрхондон, ахстгондтæй дыууæмæйон развæлгъау ахст стæрхон кодта.
Уæрæсейы хицауад сæ паддзахадон арæнсæттыны зылынджын кæны, кæцы 6 азы онг ахæстæй æфхæрд дары йæ хъуыдыйы.
Керчы донкъубалы цур айтынггонд фæзындтæм гæсгæ, Украинæйы 30 бонон хæстон уавæр расидтысты.