Петро Порошенко Уæллаг Радæмæ, Уæрæсе æмæ Украинæйы  æхсæн  æмгуыстады  бадзырд  фæуромыны фæдыл закъонопроект бавдыста
Петро Порошенко Уæллаг Радæмæ, Уæрæсе æмæ Украинæйы æхсæн æмгуыстады бадзырд фæуромыны фæдыл закъонопроект бавдыста

Украинæйы  президент Петро Порошенко  Уæллаг Радæмæ, Уæрæсе æмæ Украинæйы  æхсæн  хæларады, æмгуыстады æмæ   партнердзинады  бадзырд  фæуромыны  фæдыл   закъонопроект бавдыста.

Информацийы  уый фæдыл  хæлиу кæны украинаг  медиа, фæлæ  документ Украинæйы  парламенты веб-фарсыл  нырма публикацигонд не рцыд.

Цкраинæйы президент  Петро Порошенко  националон æдасдзинады   советы уынаффæйыф бындурыл  Уæрæсеимæ  хæларады  фæдыл   бадзырды  архайд фæуромыны  барамындыл  къух рафыста  17  сентябры.  24 сентябры  Уæрæсе  Киевæй  фæнысангонд фарстайы  фæдыл   официалон нотæ  райста.

Украинæ æмæ Уæрæсе  хæларады, æмгуыстады æмæ партнердзинады  фæдыл  бадзырд бафыстой  1997  азы  31 майы. Документ дыууæ бæстæйы  æхсæн   стратегион  партнерады æмæ   кæрæдзийы территорион æнæхъæндзинадæн скад кæнын  дары йæ  хъуыдыйы.