Украинæ фæтобæ кодта бæстæмæ Уæрæсейы æмбæстаг нæлгоймæгты бацыд
Украинæ  фæтобæ кодта бæстæмæ  Уæрæсейы  æмбæстаг нæлгоймæгты бацыд

Украинæ бæстæмæ  Уæрæсейы æмбæстаг  нæлгоймæгты  бауадзын фæтобæ кодта. Уый  фæдыл  Украинæйы  президент  Петро Порошенко  микроблог Twitter-ы  сæрмагонд   фарсыл  ныффыста.

Бæстæйы  архайæг хæстон уавæры  фæлгæтты  райсгæ тобæдзинад æххæссы  16-æй  60 азы онг кары  нæлгоймæгтæм.

Украинæйы  арæйнон  куыст, конкретон  уæнгты  æрмæст уыцы цауы бауадздзæн Украинæйы территоримæ, кæд æмæ  сæ фæнддзæн  бæстæмæ æрцæуын «гуманитарон нысанæй».

Украинæйы президенты Петро Порошенкойы  æмбарынгæнæнтæм  гæсгæ,  тобæдзинады  нысан у  Уæрæсейы æрдгæй  цæугæ тас.

«Украиæнйы  уынаффæйæн йæ нысан у, цæмæй Уæрæсе  Украинæйы  территорийыл  «хицæн»  æфсады формирдзинад ма  бахъава, кæцы  реалонæй  Уæрæсейы  гарзджын  тыхты минæвæрттæ  сты.  Мах Уæрæсейæн ма хъуамæ раттæм фадат Украинæйы  уыцы операцийы  сæххст кæныны фадат,  кæцыйы уыдон нырма 2014 азы   план кодтой» – райхъусын  кодта Петро Порошенко Twitter-ы  сæрмагонд фарсыл.

Бакой уын кæндзыстæм, 25 ноябры  Уырысаг   наутæ  Украинæйы   катертыл, Одессæй портæй  Мариуполы портмæ   ленкæныны  рæстæджы, æхст райдыдтой.  Инциденты фæстиугææн, фæцæф сты  цалдæр  украинаг наудзог. Уæрæсе  æртæ  украинаг нау  æмæ   24 украинаг наудзогы  æрцахста.  Анексиргонд ХЪырымы  сахар Симферополы  а.х.   тæрхондон,  ахстгондтæй  дыууæмæйон   развæлгъау  ахст стæрхон кодта.

Уæрæсейы   хицауад сæ  паддзахадон арæнсæттыны   зылынджын кæны, кæцы 6 азы онг  ахæстæй æфхæрд дары  йæ хъуыдыйы.

Керчы донкъубалы цур айтынггонд фæзындтæм гæсгæ, Украинæйы  30 бонон  хæстон уавæр  расидтысты.