Украина Польшæйы æрдгæй  украинаг  хоры экспорты блокировкæйы цауы,  зианы  компенсаци скæнынæн арбитражмæ бахъаст кæнын хъавы
Украина Польшæйы æрдгæй украинаг хоры экспорты блокировкæйы цауы, зианы компенсаци скæнынæн арбитражмæ бахъаст кæнын хъавы

Украина  Польшæйы  æрдгæй хоры  экспорты   блокировкæйы  цауы,  зианы компенсаци скæнынæн   Дунейы   базарадон   организацийы  арбитражмæ  бахъаст кæнын хъавы.  Уый фæдыл Украинайы прмьер-министр, Денис Шмыгаль   фыссы социалон  хызæгты.

Шмыгалы  дзырдæй,   зæгъæг  хæсты æмæ Уæрæсейы æрдгæй Украина портты  блокировкæмæ нæкæсгæ, Укрина хъахъхъæны  Евроцæдисимæ  ассоциацидзинады бадзырд  æмæ  Дунейы  базарадон организацийы  фæкæтвæрд.

« Мах нæ фæнды æмæ никуы фæндыд   польшайаг фермертæн  зиан æрхæссын.  Тынг бæрхонд аргъ кæнæм  польшайаг адæмы æмæ польшайаг бинонты  æххуысæн, фæлæ  базарадон закон  фехалыны цауы, Украина тыхыбын бауыдзæн    баздæха Дунейы Базарадон  Организацийы  арбитражмæ  компенсаци скæнынæн,  тарифты æмæ базхарады  фæдыл генерслон   бадзырды нормæты  халыны тыххæй» –   фыссы  Денис Шмыгаль.