Украина æмæ Уæрæсейы минæвæртты æхсæн бадзырды æртыккаг раунд ацæудзæн 7 марты
Украинайы æмæ Уæрæсейы минæвæртты æхсæн бадзырдты æртыккаг раунд, къуырисæры, 7 марты ацæудзæн. Украинаг медийы хъусинагæ, фæнысангонды фæдыл информацийы фракци «Адæмы Лæггадгæнæджы» лидер Давит Арахамиа хъусын кæны.
«Бадзырдты æртыккаг раунд ацæудзæн къуырисæры» – фыссы Давит Арахамиа сæрмагонд фейсбук-фарсыл.
Нырма бæрæг нæу, кæм ацæудзæн фарсыты æхсæн бадзырдты радон раунд. Раззаг дыууæ раунды, Уæрæсе æмæ Украинайы минæвæртты æхсæн ауагъдтой Белорусы территорийыл.