Украинайы вице-премьер - абон Мариуполæй план кæны сылгоймæгты, сывæллæтты æмæ карджынты эвакуаци
Абон Мариуполæй, сылгоймæгты, сывæллæтты æмæ карджынты эвакуаци план кæнын, – уый фæдыл Украинайы вице-премьер Ирина Верещчук райхъусын кодта.
Ирина Верещчук куыд райхъусын кодта афтæмæй, абон, сихорафон, байгом уыдзæн гуманитарон кæлидор Мангушы æмæ Бердянскы уылты Запорожьемæ. «Мариуполы уæвæг катастрофон уавæры тыххæй, нæ тыхархайд ацы æрдæм у концентрацигонд», – райхъусын кодта Ирина Верещчук.
Эвакуаци кæй фæнды, уыцы æмбæстæгты æмбырд 14:00 сахатæй райдайдзæн Таганрогы уынджы.
Верещчукы дзырдæй, бынатыл уавæр у уæззау, уый тыххæй маршруттæ гæнæн ис ивд æрцæуа. Уый æрсидтис æмбæстæгтæм сæ хъус дарæт официалон информацимæ.