Украианйы фæмардуæвæг гуырдзиаг хæстонты Зураб Цъиклаури æмæ Гоча Жваниайы Гуырдзыстонмæ æрластой
Украинайæ Гуырдзыстонмæ ноджы дыууæ гуырдзиаг хæстоны Гоча Жваниайы æмæ Зураб Цъиклаурийы мардыбуæрттæ æрластой.
Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты фæмардуæвджыты мардыбуæртты сæ бинонтæн, хæлæрттæн æмæ хæстæджытæн адæттой, ссардтой сын сæ ном, бынатыл райтыгъдтой Гуырдзыстоны æмæ Украинайы тырысатæ æмæ айзæлын кодтой Украинайы æмæ Гуырдзыстоны гимнтæ.
Бæрæг куыд у афтæмæй, Зураб Цъиклаури æмæ Гоча Жваниа хурыскæсæн фронты раззаг хаххыл уыдысты. Уыдон Украинайы гуырдзиаг легионы сконды 2014 азæй хæцыдысты.