Уæззау метеорологион уавæрты тыххæй, Къоби-Гудаурийы фадыгыл специалисттæ мониторинг дарддæр кæнынц
Уæззау метеорлогион уавæрты тыххæй, Къоби-Гудаурийы фадыгыл, æрдзы хъахъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады спнциалисттæ мониторинг дарддæр кæнынц – уый фæдыл хъусын кæны æрдзы националон агентад.
«Специалистты æрдгæй æнæаскуынгæйæ цæуы территорийы бацахуыр æмæ 24 сахатон мониторинг, кæцыйы нысанæй специалисттимæ иумæ бынатыл уæвы агентады хистæр Ьамар Багратиа.
Метеорологион уавæрты фæфыддæры цауы, специалистты æрдгæй лæвæрд æрцæудзысты рекомендацитæ.
Синоптикты информаицийæ 13 янары Гуырдзыстоны уардзæн. Уæлхох районты æнхъæлмæкæсинаг у митуард.
14 январы ныгуылæн Гуырдзыстоны боныгъæд абаргæйæ фæхуыздæр уыдзæн, уæлдæф рахъарм уыдзæн +7 +12 градусы онг.
Хурыскæсæн Гуырдзыстоны æмæ сæйраг сахары æнхъæлмæкæсинаг у уарын, фылдæр мит. Уæлдæфы температурæ 0, +5 градусы фæлгæтты уыдзæн» – банысангонд у æрдзы националон агентады информацийы.