Æхсæнадæмон компани Гудаурийы зиангонд рæтæн фæндагыл сæххæст кодта  сæйраг  иртасæн
Æхсæнадæмон компани Гудаурийы зиангонд рæтæн фæндагыл сæххæст кодта сæйраг иртасæн

Экономикæйы министрады информацийæ «Садзэлэйы» рæтæн фæндагыл æрцæгæ  цауы  фæдыл  экспертты хатдзæг æввахсдæр бонты суыдзæн бæрæг.

Министрады  ахæлиугонд информацийы банысангонд у, цæмæй   компанийы  эксперттæ  бацахуыр кодтой  куыд документац,  афтæ  йæхæдæг «Садзэлэйы» рæтæн фæндагыл  сарызтой деталон   сгæрст цауы аххосæгты рабæрæг кæнынæн.

«Æхсæнадæмон компани  «Бюро Веритасы»  минæвæрттæ кæцытæ Гуырдзыстоны хицауады æрхуындæй   æртыккаг бон у,   Гудаурийы  сты,   сæйраг  иртасæн   сæххæст кодтой æмæ   хатдзæгы цæттæ  кæнынмæ æрывнæлдтой.

«Бюро Веритас»  бындурæвæрд æрцыд 1828 азы æмæ абон дунейы   у  лидер компани  тестирдзинады, техникон  инспектир кæныны  æмæ сертификацийы  æрдгæй,   кæцымæ ис  рæтæн лифтыты  басгæрсты æмæ   экспертизæйы  специалон  хайад.

16 марты  Гудаурийы  æрцæугæ  цауы фæдыл  хæдбар, æхсæнадæмон  экспертты  хатдзæг æрцæттæ кæнынæн, Гуырдзыстоны  хицауад растдæр «Бюро Веритасы»  минæвæртты  æрхуыдта, кæцытæ  Гуырдзыстоны  прокуратурæйы, мидхъуыддæгты министрады, техникон  æмæ   арæзтадон  цæстдарынады  агентады  æмæ рæтæн  фæндæгты   амалгæнæг  компани  «Допельмейеры»  минæвæрттимæ иумæ  цалдæр бонон  деталон  иртасæн сæххæст кодтой.

«Бюро Веритасы»  эксперттæ Гудаурийæ абон рацæудзысты. Сæ хатдзæг  дзыллæйæн æввахс периоды суыдзæн зындгонд» –  хъусын æнынц экономикæйы министрады.