Гудаурийы ног рæтæн фæндагы саразын план кæны, кæцы сахаты мидæг 1800 бæлццоны аласыны фадат ратдзæн
Гудаурийы ног рæтæн фæндагы саразын план кæны, кæцы сахаты мидæг 1800 бæлццоны аласыны фадат ратдзæн

Гудаурийы  ног рæтæн фæндаг саразын хъавæм,  кæцы сахат мидæг  1 800 бæлццоны  ласын хъом  уыдзæн,  æмæ дæргъæн та  2 800 мтеры –  уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили хицауады  рабадтыл райхъусын кодта.

Премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ Гудаурийы  дыууæ   къахдзоныгъон трассæйыл  смонтаж уыдзæн  аразгæ миткалæн  системæ, кæцы  ноджы фылдæр комфортон суæндзæн  улæфджытæн.

«Гудаурийы план кæнæм  рæтæн фæндаг саразын. Уый уыдзæн сахат мидæг  1 800 бæлццоны  ласын хъом,  æмæ дæргъæн та  2 800 метры.  Афтæма смонтаж  кæндзыстæм  аразгæ миткалæн  системæ Гудаурийы  дыууæ  къахдзоныгъон трассæйыл, кæцы уыдзæн фылдæр комфортон нæ улæфджытæн, æмбæстæгтæн, уый нымæцы  ахæм сезоныл,  кæцы  рæстæджы  дæр мит æгъгъæд бæрцæй нæ вæййы. Миткалæн системæ баххуыс уыдзæн  æмæ фылдæр комфортонæй  баулæфдзысты нæ æмбæстæгтæ  æмæ туристтæ дæр», –   банысан кодта Ираклий Гъарибашвили.