Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Гуырдзыстоны æмбæстагы кæй амардтой уыцы факты фæдыл, Гуырдзыстоны централон хицауады æркуырдæй, Эргнеты фембæлд снысан ис
Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Гуырдзыстоны æмбæстагы кæй амардтой, уыцы факты фæдыл, централон хицауады минæвæрттæ æнæаргъæвгæйæ æркуырдтой техникон фембæлд ауадзын цæугæ азы 6 ноябры, – уый фæдыл дзырдæуы паддзахадон æдасдзинады куысты фидиуæны.
ПÆК-ы хъусын кæнынц, цæмæй фембæлды хайад райсдзысты, Уæрæсейы оккупацион тыхты, оккупацигонд Цхинвалы регионы æмæ Евроцæдисы цæстдарæг миссийы минæвæрттæ.
«Фæнысангонд у оккупацийы фæлгæтты, Уæрæсейы оккупацион тыхты фыдгæнæгон архайды ноджы иу факт, кæцыйы æххæст бæрн æвæрд цæуы оккупацион тыхыл. Гуырдзыстоны централон хицауад Гуырдзыстоны æмбæстагы цардмæ хъавды фактимæ баст алы фыдгæнæг уæнгы дзуаппмæ раттын, афтæма æнæзакъонон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстагы æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæныны фарста, сæрмагондйæй карзæй домы алы æхсæнадæмон форматы», – хъусын кæнынц ПÆК-ы.
Паддзахадон æдасдзинады куысты информацийæ Къирбалы цур, оккупацигонд территорийыл, бынæттон цæрæгы æнæзакъононæй æрцахсты рæстæджы, Уæрæсейы оккупацион тыхты æрдгæй æхсты фæстиуæгæн амард Гуырдзыстоны æмбæстаг.