Уæрæсейы оккупацигонд Абхазы, а.х. президентон æвзæрстыты дыккаг туры фæстиуджытæ фæмацы кæнын курынц
Уæрæсейы оккупацигонд Абхазы, а.х. президентон æвзæрстыты дыккаг туры фæстиуджытæ фæмацы кæнын курынц. Æмбæлон фидиуæн публикаци скодтой а.х. политикон партитæ æмæ æхсæнадон организацитæ.
«Бæстæйæн æнамонддзинад æрхæссæг фæстиуджытæй хибахизыны тыххæй, ЦÆК æвзæрстыты дыккаг тур хъуамæ банымайа фæкъухцыгондыл» – дзырдæуы ахæлиугонд фидиуæны.
Фидиуæныл къух æрфысджытæ дзурынц, цæмæй «Æвзæрстыты фæстиуджытæ конституцийы хæлдæй райхъусын кодтой зæгъгæ».
«ЦÆК хъуамæ бакоммæкæса конституцийы æнудæсæм статимæ, кæцыйы мидæг кандидаты президентæй сывзарыны механизм дырыс фыст у. Ацы статимæ гæсгæйæ, уæлахиздзинадæн кандидат дыккаг туры хъуамæ райса æвзæрстгæнджыты хъæлæсты фылдæры хай, уыцы аууæлææй, æмæ кандадитæн лæвæрд хъæлæстæ, хъуамæ уой фылдæр йæ ныхмæ цы хъæлæсты сфиксир сты уыдонæй. Ацы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, уæлахизгондыл нымад цæуы уыцы кандидат, кæцы халæппæрсты хайадисæг æвзæрстгæнджыты хъæлæсты æрдæгæй фылдæр райсдзæн. Уый зæрдыл даргæйæ æмæ махæн рæувадат информацимæ гæсгæйæ, хъусын кæнæм, цæмæй дыккаг туры, иунæг кандидат дæр нæ æрымбырд кодта, президентæй сывзарынæн хъæугæ хъæлæстæ», – дзырдæуы фидиуæны.
Фидиуæныл къух æвæрынц, а.х. политикъон парти «Амцахара», «Иууон Абхаз», «Абхазы Адæмон фронт» æмæ ноджы æхсæз а.х. æхсæнадон организаци.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй оккупацигонд Абхазы знон, а.х. президентон æвзæрстыты дыккаг тур ацыд. А.х. ЦÆК, уæлахизгондыл банымадта, архайæг «президент» Рауль Хаджимбайы. Ацы фæстиуджытæ «президенттæм дыккаг кандидат» Алхас Къвициниа нæ банымадта. Æхсæвы рæгмæ Сухумы, а.х. ЦÆК-ы бæстыхайы цурмæ, рацыдысты Къвитциниайы фарсхæцджытæ. Фæстæдæр сæм Алхас Къвициниа æрсидтис сæумæрайсоммæ тайм-аут сисынмæ. Алхас Къвициниа «æвзæрстыты» фæстиуджыты тыххæй бахъаст кæнын хъавы.