Уæрæсейы оккупацигонд Абхазы, а.х.  президентон æвзæрстыты дыккаг туры фæстиуджытæ фæмацы кæнын курынц
Уæрæсейы оккупацигонд Абхазы, а.х. президентон æвзæрстыты дыккаг туры фæстиуджытæ фæмацы кæнын курынц

Уæрæсейы   оккупацигонд   Абхазы, а.х.  президентон æвзæрстыты дыккаг туры  фæстиуджытæ фæмацы  кæнын  курынц.   Æмбæлон фидиуæн публикаци скодтой  а.х.  политикон   партитæ æмæ  æхсæнадон организацитæ.

«Бæстæйæн   æнамонддзинад æрхæссæг  фæстиуджытæй  хибахизыны тыххæй,  ЦÆК æвзæрстыты дыккаг тур  хъуамæ  банымайа  фæкъухцыгондыл» –  дзырдæуы  ахæлиугонд   фидиуæны.

Фидиуæныл къух æрфысджытæ дзурынц, цæмæй  «Æвзæрстыты  фæстиуджытæ  конституцийы  хæлдæй  райхъусын кодтой зæгъгæ».

«ЦÆК хъуамæ  бакоммæкæса  конституцийы   æнудæсæм  статимæ,   кæцыйы мидæг кандидаты   президентæй  сывзарыны  механизм  дырыс  фыст у.  Ацы  статимæ гæсгæйæ,   уæлахиздзинадæн кандидат  дыккаг туры  хъуамæ райса    æвзæрстгæнджыты  хъæлæсты   фылдæры хай, уыцы   аууæлææй, æмæ  кандадитæн лæвæрд  хъæлæстæ,   хъуамæ  уой  фылдæр  йæ ныхмæ  цы  хъæлæсты  сфиксир сты  уыдонæй. Ацы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   уæлахизгондыл нымад цæуы  уыцы кандидат,  кæцы  халæппæрсты   хайадисæг æвзæрстгæнджыты  хъæлæсты æрдæгæй  фылдæр райсдзæн.   Уый  зæрдыл даргæйæ  æмæ  махæн рæувадат информацимæ гæсгæйæ,  хъусын кæнæм, цæмæй   дыккаг туры, иунæг кандидат дæр нæ æрымбырд кодта, президентæй  сывзарынæн  хъæугæ  хъæлæстæ», –  дзырдæуы фидиуæны.

Фидиуæныл къух æвæрынц,   а.х.   политикъон парти «Амцахара», «Иууон Абхаз», «Абхазы Адæмон фронт» æмæ ноджы  æхсæз  а.х. æхсæнадон организаци.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй оккупацигонд Абхазы  знон,  а.х. президентон æвзæрстыты  дыккаг тур ацыд. А.х. ЦÆК, уæлахизгондыл банымадта,  архайæг «президент» Рауль Хаджимбайы. Ацы  фæстиуджытæ  «президенттæм дыккаг кандидат» Алхас Къвициниа нæ банымадта.  Æхсæвы рæгмæ  Сухумы, а.х. ЦÆК-ы  бæстыхайы цурмæ, рацыдысты Къвитциниайы  фарсхæцджытæ.  Фæстæдæр  сæм Алхас Къвициниа   æрсидтис  сæумæрайсоммæ   тайм-аут сисынмæ.  Алхас Къвициниа «æвзæрстыты»  фæстиуджыты тыххæй  бахъаст кæнын хъавы.