Уæрæсейы минæвар - Фæнды мæ бакой уын кæнон, цæмæй Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны скондмæ бакодта, Гуры гуырд Сталин
Цхинвалы Регионы Гуырдзыстоны скондмæ бакодта Сталин – уый тыххæй фидиуæны, Уæрæсейы Юстицийы министры хæдивæг Михаил Галперин Страсбурджы тæрхондоны сарызта, цы ран Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ цы хъаст бахаста, уый байхъуыст сырæзт.
«Ацы байхъуыст райдыдта Гуырдзыстоны историйы датæты æрымысынæй, афтæмæй мæ фæнды бакой уын кæнон з 95 азы размæ, 1922 азы декабры, Хусар Ирыстоны Гуырдзыстоны территоримæ баиу кодта Иосиф Сталин. Сталин та, куыд æй зонут афтæмæй, уыдис гуырдзиаг, уый Гуры райгуырд. Ацы рæстæджы ничи бафарста ирæтты, фæндыд сæ æви нæ гуырдзиæгтæй суæвын. Ацы уынаффæйæ 70 азы фæстæ, Гуырдзыстон ахицæн кодта уый кæронмæ сæххæст кодтаит, бабырста Хуссар Ирыстонмæ æмæ сабырадон цæрджытæ ныццагъдта. Раст ахæм архайд сын уыд 2008 азы августы дæр» – райхъусын кодта Уæрæсейы юстицийы министры хæдивæг.
Дзырдæй ралæуды рæстæджы, Мидхаил Галперин райхъусын кодта, цæмæй Уæрæсе 2008 азы Цхинвалы регион нæ кантрол кодта æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр йын нал бантыст зæгъгæ адæймаджы барты састы превенци.
«Уæрæсе не ххæст кодта эффективон кантрол уыцы территорийыл, цы ран æрцыд конфликт æмæ Уæрæсейы паддзахыады юрисдикци нæ хæлиу кодта гæнæн амæттагыл. Цыдæриддæр та мысæнттимæ баст зылынгæнæнтæм æххæссы, фæнды мæ зæгъын, цæмæй ничи бахъом уыдзæн адæмы æмæ бынæтты кантрол кæнын, уым конфликт æмæ хæцæн архæйдтытæ куы цæуынц уыцы рæстæджы. Уæрæсе афтæдæр не ххæст кодта конфликты территорийы эффективон кантрол хæцæн архæйдтытæ куы фæсты уый фæстæ æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр нæй гæнæн бæрнон уа ацы территорийыл сæххæст гæнæн фыдракæндыл. Уæрæсемæ нæ уыд кантролы механизм æмæ нæ уыд йæ бон ацы фыдракæнды превенци кæнæ йæ кæрон скæнын. Тæрхондон ма хъуамæ банымайа, цæмæй Уæрæсемæ уыдис эффективон кантролы фадат ацы территорийыл, уый тыххæй цæмæй уым уыдис бирæ уырыссаг æфсæддон. Ацы уырыссаг æфсæддæттæ, сæхицæй бирæ фылдæр гуырдзиаг æфсадимæ хæцыдысты афтæдæр уыдысты ныхмæатакæйы рискъы раз йеуæд дæр, Гуырдзыстон йæ æфсад фæстæмæ куы акодта уæд» – загъта Галперин.
Уæрæсейы юстицийы министры хæдивæг бæлвырд кæны, цæмæй 2008 азы Уæрæсе тыхбын баис, сæрмагонд æмбæстæгты æмæ сабырадхъахъхъæнджыты сæрыл рахæцын. Уый афтæдæр фæзыныджын кодта «Гуырдзыстоны, ирон æмбæстæгты интересты игнорирдзинады æмæ райхъусын кодта, цæмæй Тбилис нæ разы кæны тыхæй æнæспайдайы фæдыл бадзырд бафыссын».
«Уæрæсе тыхбын уыдис дзуапп раттын æфсæддон агрессийыл. Уый сæ сæрыл хъуамæ рахæцыдаит сæрмагонд сабырадхъахъæнджыты æмæ æмбæстæгты Хуссар Ирыстоны, кæцытæ уыдысты Гуырдзыстоны æрдгæй, бруталон лæбурды амæттаг. Уæрæсейы бар, баиргъæва сæрмагонд сабырадхъахъъæнджыты æмæ æмбæстæгты, ацы тæрхондоны юрисдикцимæ нæ хауы. Цыдæриддæр та Гуырдзыстоны лигъдон æмбæстæгтæм æмæ уымæ æххæссы, ома уыдонæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы территоримæ бацæуыны бар нæй. Тæрхондон йæ зæрдыл хъуамæ бадара уый æмæ Хуссар ирыстон æмæ Абхазий сæхæдæг сбæлвырд кодтой арæйнон политикæ. Уæрæсе уыдоныл бæрнон нæу, фæлæ Уæрæсе æххуыс кæны ацы республикæтæн арæны хъахъъæды хъуыддаджы. Уæрæсе сыл бæрнон нæу, фæлæ Уæрæсе ацы республикæтæн æххуыс кæны сæ арæнтæ хъахъъхæныны. Цæй зæгъын æй хъæуы Абхазий æмæ Хуссар Ирыстон сырæзт уавæры сæхæдæг хъуамæ кантрол кæной арæнтæ. Гуырдзыстон дыууæ хат бабырста Хуссар Ирыстонмæ, уый нымæцы 1992 азы, кæцы рæстæджы дæр 100 000 ирон тыхбын бынативгæйæ ссис. Гуырдзыстон нырма дæр нæ разы кæны тыхæй æнæспайдайы бадзырд бафысыын. Гуырдзыстон нæзагъд кæны Женевæйы дискусситыл, тыхбын бынативгæ ирæтты проблемæйы тыххæй диалогы хайад райсыныл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æркуырд, цæмæй тæрхондон æркæса тыхбын бынативгæ гуырдзиæгты фарст, у иуфарсон æмæ уымæй æрмæстдæр фæфыддæрдæр уыдзæн æнæуыйдæр æндыгъд ахастытæ гуырдзиæгты æмæ ирæтты æхсæн» – райхъусын кодта Уæрæсейы юстицийы министры хæдивæг.