Уæрæсейы минæвар - Фæнды мæ бакой уын кæнон, цæмæй Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны скондмæ бакодта, Гуры гуырд Сталин
Уæрæсейы  минæвар - Фæнды мæ бакой уын кæнон, цæмæй Хуссар Ирыстоны  Гуырдзыстоны  скондмæ бакодта, Гуры  гуырд  Сталин

Цхинвалы  Регионы  Гуырдзыстоны  скондмæ  бакодта  Сталин –  уый  тыххæй фидиуæны,  Уæрæсейы   Юстицийы  министры  хæдивæг  Михаил Галперин  Страсбурджы  тæрхондоны сарызта,  цы ран Гуырдзыстон Уæрæсейы  ныхмæ  цы хъаст бахаста,   уый  байхъуыст  сырæзт.

«Ацы  байхъуыст  райдыдта Гуырдзыстоны  историйы  датæты  æрымысынæй, афтæмæй мæ  фæнды  бакой уын кæнон з  95  азы   размæ, 1922  азы  декабры,   Хусар Ирыстоны  Гуырдзыстоны  территоримæ  баиу кодта  Иосиф Сталин.  Сталин  та,  куыд æй зонут  афтæмæй,   уыдис гуырдзиаг,  уый Гуры райгуырд. Ацы рæстæджы  ничи бафарста ирæтты, фæндыд сæ æви нæ  гуырдзиæгтæй  суæвын.  Ацы  уынаффæйæ  70  азы   фæстæ, Гуырдзыстон  ахицæн кодта  уый  кæронмæ  сæххæст кодтаит, бабырста  Хуссар Ирыстонмæ  æмæ сабырадон  цæрджытæ ныццагъдта.  Раст ахæм архайд сын  уыд   2008 азы  августы дæр» –  райхъусын кодта  Уæрæсейы  юстицийы   министры  хæдивæг.

Дзырдæй ралæуды рæстæджы,  Мидхаил Галперин  райхъусын кодта,   цæмæй  Уæрæсе 2008  азы  Цхинвалы регион нæ  кантрол кодта  æмæ  уымæ æмбæлгæйæ дæр йын нал  бантыст зæгъгæ  адæймаджы барты састы  превенци.

«Уæрæсе не ххæст кодта  эффективон   кантрол   уыцы территорийыл, цы ран  æрцыд  конфликт æмæ   Уæрæсейы  паддзахыады  юрисдикци  нæ хæлиу кодта   гæнæн   амæттагыл.  Цыдæриддæр та  мысæнттимæ  баст  зылынгæнæнтæм æххæссы, фæнды мæ зæгъын, цæмæй ничи бахъом уыдзæн  адæмы  æмæ   бынæтты  кантрол кæнын, уым  конфликт æмæ   хæцæн архæйдтытæ  куы  цæуынц  уыцы рæстæджы.  Уæрæсе афтæдæр не  ххæст кодта   конфликты территорийы   эффективон   кантрол хæцæн архæйдтытæ  куы  фæсты  уый фæстæ æмæ уымæ æмбæлгæйæ  дæр   нæй  гæнæн  бæрнон  уа  ацы территорийыл  сæххæст  гæнæн фыдракæндыл.  Уæрæсемæ нæ уыд  кантролы механизм   æмæ  нæ уыд йæ бон  ацы  фыдракæнды  превенци кæнæ  йæ кæрон скæнын.  Тæрхондон ма хъуамæ  банымайа,  цæмæй  Уæрæсемæ уыдис  эффективон кантролы  фадат ацы  территорийыл, уый тыххæй  цæмæй  уым уыдис бирæ уырыссаг æфсæддон.  Ацы  уырыссаг æфсæддæттæ,  сæхицæй  бирæ  фылдæр гуырдзиаг æфсадимæ  хæцыдысты  афтæдæр  уыдысты   ныхмæатакæйы  рискъы   раз  йеуæд дæр,  Гуырдзыстон  йæ æфсад фæстæмæ куы  акодта уæд» – загъта  Галперин.

Уæрæсейы   юстицийы   министры хæдивæг  бæлвырд кæны,  цæмæй 2008 азы   Уæрæсе  тыхбын баис,  сæрмагонд æмбæстæгты  æмæ  сабырадхъахъхъæнджыты   сæрыл рахæцын.  Уый афтæдæр фæзыныджын кодта  «Гуырдзыстоны, ирон æмбæстæгты  интересты   игнорирдзинады  æмæ райхъусын кодта,  цæмæй   Тбилис  нæ разы  кæны тыхæй  æнæспайдайы  фæдыл  бадзырд бафыссын».

«Уæрæсе  тыхбын уыдис  дзуапп раттын  æфсæддон агрессийыл.  Уый  сæ сæрыл хъуамæ рахæцыдаит  сæрмагонд сабырадхъахъæнджыты æмæ   æмбæстæгты  Хуссар Ирыстоны, кæцытæ уыдысты  Гуырдзыстоны æрдгæй,  бруталон  лæбурды амæттаг.  Уæрæсейы  бар,  баиргъæва  сæрмагонд сабырадхъахъъæнджыты  æмæ æмбæстæгты,   ацы  тæрхондоны  юрисдикцимæ нæ хауы.  Цыдæриддæр та  Гуырдзыстоны   лигъдон æмбæстæгтæм æмæ уымæ  æххæссы, ома  уыдонæн  Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы  территоримæ  бацæуыны бар  нæй.  Тæрхондон  йæ  зæрдыл хъуамæ бадара уый æмæ  Хуссар ирыстон æмæ Абхазий  сæхæдæг   сбæлвырд кодтой   арæйнон  политикæ.  Уæрæсе  уыдоныл  бæрнон  нæу, фæлæ Уæрæсе  æххуыс кæны ацы республикæтæн  арæны хъахъъæды  хъуыддаджы.     Уæрæсе  сыл  бæрнон нæу, фæлæ   Уæрæсе  ацы республикæтæн æххуыс кæны  сæ арæнтæ  хъахъъхæныны.  Цæй  зæгъын æй  хъæуы  Абхазий   æмæ  Хуссар Ирыстон  сырæзт уавæры  сæхæдæг  хъуамæ кантрол кæной  арæнтæ.  Гуырдзыстон  дыууæ  хат  бабырста Хуссар  Ирыстонмæ,   уый  нымæцы 1992  азы,  кæцы рæстæджы дæр 100 000  ирон  тыхбын бынативгæйæ  ссис.  Гуырдзыстон нырма  дæр нæ разы  кæны тыхæй  æнæспайдайы бадзырд бафысыын.  Гуырдзыстон  нæзагъд кæны  Женевæйы  дискусситыл,   тыхбын бынативгæ ирæтты проблемæйы тыххæй  диалогы  хайад райсыныл.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  Гуырдзыстоны æркуырд,  цæмæй  тæрхондон  æркæса  тыхбын  бынативгæ  гуырдзиæгты  фарст, у  иуфарсон  æмæ уымæй æрмæстдæр фæфыддæрдæр  уыдзæн  æнæуыйдæр  æндыгъд ахастытæ  гуырдзиæгты æмæ ирæтты æхсæн» – райхъусын кодта  Уæрæсейы  юстицийы  министры хæдивæг.