Тея Цъулукиани- мах бæлвырдгæнæнтæй хъуамæ равдисæм уый æмæ Уæрæсе, августы фæзындты онг бирæ раздæр цæттæ кодта йæхи хæстон архæйдтытæм
Тея Цъулукиани- мах  бæлвырдгæнæнтæй хъуамæ равдисæм уый æмæ  Уæрæсе, августы фæзындты онг  бирæ  раздæр  цæттæ кодта йæхи хæстон архæйдтытæм

Уæрæсе   æцæгæй дæр дзуры,  августы  хæст, цæмæй  адæймаджы   барты Страсбургы  тæрхондонмæ  нæ хауы зæгъгæ, æмæ  у   гуманитарон барады  сферæ,  кæцыйы   ныхмæ мах  хъæддых лæууæм   æдаргументтæ –  уый фæдыл  юстицийы  министр Тея Цъулукиани, загъта  Фыццаг Къаналы  алæвæрд «42° Параллель».

Министры ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстоны хицауад, уæлæмхас бæлвырдгæнæнтæй  архайы,   Европаг  тæрхондонæн равдиса  уый æмæ  Уæрæсе  августы  фæзындты онг бирæ  раздæр цæттæ кодта йæхи хæстон архæйдтытæм.

«Уæрæсе   æцæгæй дæр дзуры,  августы  хæст, цæмæй  адæймаджы   барты Страсбургы  тæрхондонмæ  нæ хауы зæгъгæ, æмæ  у   гуманитарон барады  сферæ,  кæцыйы   ныхмæ мах  хъæддых лæууæм   æдаргументтæ.Дзурæм  цæмæй растдæр  уыцы периоды,  хæстон архæйдтытæ  куы цыдысты,  Уæрæсе  æххæст кодта  нæ бæстйы  ацы  территоритыл, Цхинвалы регионы, ахæм архæйдтытæ,  кæцытæ  бирæ  уæлдай хызтсты  хæстон архæйдтыты  домæнтæй.  Мах тынг фидар, ныридæгæн   бытнон  ног   уæлæмхас  бæлвырдгæнæнтæй  архайæм  равдисæм Европаг  тæрхондонæн уый æмæ  Уæрæсе  бирæ раздæр  цæттæ кодта йæхи  хæстон архæйдтытæм;  уый   бынæттон персоналы  ахуыр кодта,  уый нымæцы, æфсæддæтты,  ирон фарсы  де-факто дæлхайадты æмæ   сæ  цæттæ кодта   ацы æфсæддон   быцæудзинадмæ».

Афтæма,   нæ  бæлвырдгæнæнтæй, фидар аргументтæй   равдисдзыстæм тæрхондонæн, цæмæй  реалонæй  10 августы,  боныцъæхыл,  Гуырдзыстоны фарс  æхст баурæдта;  уымæй  дарддæр ма,  рацыд  хæстон архæйдтыты  ареалæй  æмæ 11  августы, нæ  иугæндтæ  хъахъхъæдтой  Тбилисмæ бацæуæнтæ,  кæцы бынтон  цух кæны   Уæрæсейы  æнæбындур  дзырд уый тыххæй,   ома  нырма ноджы 12  августы,  мах  Уæрæсейæн дзуапп дæттам  хæстон архæйдтытæй» – райхъусын кодта  Тея Цъулукиани» – райхъусын Тея Цъулукиани алæвæрды «42° Параллель».

Æхсæнпаддзахадон   даууыл тæрхон  кæны  Страсбурджы тæрхондоны   Стыр Палатæ, кæцы 17 бæстæйы,  сæ нымæцы  Гуырдзыстонæй æмæ Уæрæсейæ   æвзæрст  тæрхонгæнджытæй  у комплектгонд. Стыр Палатæйæн къухдариуæг кæны  адæймаджы  барты  Европæйаг  тæрхондоны  президент   Гвидо  Раймонд.

Страбургы  тæрхондон  дарддæр кæны  хъуыддажы   кæсын, «Гуырдзыстон Уæрæсейы  ныхмæ (хъуыддаг II).  Байхъуыст  нысангонд у  23  маймæ.