Уæрæсейы киноæвæрæнæй Гуырдзыстонмæ 700-йæ фылдæр фильм хъуамæ æрыздахой

Парламенты комитетты  иугонд рабадтыл  культурæйы  министр Михеил Гиоргадзе,    гуырдзиаг кинобындарады  фыдыбæстæмæ  æрыздахыны фарстыл  фæныхас кодта  æмæ  загъта, цæмæй  ацы æрдæм  кусынæн бюджетæй  рауæлдай уыдзæн фылдæр суммæ.

Цалдæр боны размæ  гуырдзиаг   кинематографмæ,  Уæрæсейы кино-æвæрæны   уæвæг  11  гуырдзиаг фильмы   æрыздæхтой.   Фыццаг этапыл  2016 азы  17 нобяры  та Гуырдзыстонмæ  æрыздæхт  4 гуырдзиаг фильмы.

Документ, кæцымæ гæсгæ  дæр  Гуырдзыстны культурæйы æмæ цыртты  хъаххъæды  министрады  организгондæй  æмæ фарсхæцынæй,   Уæрсейы  Федерацийы   паддзахадон кинофондæй – «Госфильмофонд»  1921  азæй  1991  азы онг  ист  æмæ   фонды архивы æвæрд   гуырдзиаг  фильмты  фыдыбæстæмæ æрыздазхыны  процесс  райдыдта,  2014  азы  30  сентябры  æрцыд къухбафыст.