Уæрæсейы юстицийы министрад - Уынаффæйы сæххæсты фарста аскуыддзаг уыдзæн Страсбургы æрдгæй ГУырдзыстонæн бавдыст хæсисты зæрдылдаргæйæ
Уæрæсейы юстицийы министрад хъусын кæны, цæмæй Страсбургы тæрхондоны уынаффæйы сæххæсты механизмы фарста адæймаджы барты Европаг тæрхондоны æрдгæй Гуырдзыстонæн бавдыст хæсист зæрдылдаргæйæ аскуыддзаг уыдзæн.
«Уынаффæйы сæххæсты механизмы фарста аскуыддзаг уыдзæн адæймаджы барты Европаг тæрхондоны æрдгæй ГУырдзыстонæн бавдыст хæсисты зæрдылдаргæйæ, цæмæй министрты комитеты цæстдардæй, срæвдзæуа хцайы рæстаг райуæрст индивидуалон хъастгæнджытæн. Афтæдæр уыцы факт зæрдыл даргæйæ ома Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн ацы рæстгæмæ нæй комкоммæ дипломативон ахастытæ» – дзырдæуы Уæрæсейы юстицийы министрады фидиуæны, кæцы сæ официалон веб-фарсыл æрцыд публикацигонд.
Уæрæсейы юстицийы министрады ахæлиугонд фидиуæны дзырдæуы, цæмæй зæгъгæ, адæймаджы барты европаг тæрхондон райста Уæрæсейы хицауады аргументтæ æмæ гуырдзиаг фарсы бахæсджын кодта, цæмæй зиан баййафæгыл нымадмæ ист адæймæгты æххæст номхыгъд бавдиса. Министрады фидиуæны афтæдæр банысангонд у, цæмæй æппæрст æрцыд Гуырдзыстоны æркуырдтæ уæлæмхас фадæттæм гæсгæ, æмæ тæрхондон нæзагъд ракодта Гуырдзыстонæн, зиан баййафæгыл банымадтаит 4 634 адæймагы.
Тæрхондоны уынаффæйæ, 4-æм статийы 4-æм протоколы халынмæ æмбæлгæйæ, Гуырдзыстоны алы æмбæстагæн, кæцы нымадмæ ист æрцыд куыд зианбавзарæг, хъуамæ йын бафида компенсаци 2 000 евройы бæрцæй. 5-æм статийы фыццаг параграфы халыны тыххæй, алы æмбæстагмæ æмбæлы компенсаци 10-æй 15 мин евройы онг бæрцæй.Тæрхондоны афтæдæр ахицæн кодта, цæмæй Уæрæсе халдта конвенцийы 3-аг хай, кæцы йæ хъуыдыйы дары æнæадæймагон æмæ æгадгæнæг ахаст ахсты рæстæджы.Тæрхондоны уынаффæйы ныхмæ рацыд æрмæстдæр тæрхонгæнæг Дмитрий Дедов, кæцы у Уæрæсейæ. Компенсациты фæбæрæг æмæ сæ Гуырдзыстоны æмбæстæгнтæн рауæрстимæ, сразы сты адæймаджы бьарты фæдыл Европæйга тæрхондоны 17 тæрхонгæнæгæй 16. Адæймаджы барты фæдыл Европæйаг тæрхондоны уынаффæйæ, Уæрæсе хæсджы уыдзæн Гуырдзыстоны 1500 æмбæстагæн бафидан 10 милуан евро компенсаци.ДЗырдæуы 2006 азы фæззæджы, Уæрæсе5йæ депортацигонд Гуырдзыстоны æмбæстæгтыл.