Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрад  Прагæйы   Зураб Абашидзейы æмæ Григорий Карасины  фембæлды фæдыл  фидиуæн   публикаци кæны
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад Прагæйы Зураб Абашидзейы æмæ Григорий Карасины фембæлды фæдыл фидиуæн публикаци кæны

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрад  Прагæйы   Гуырдзыстоны премьер-министры специалон минæвары Зураб Абашидзейы æмæ Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министры   хæдивæгы Григорий Карасины  фембæлды фæдыл  фидиуæн   публикаци кæны.

Уагдон  веб-фарсыл равæрд фидиуæны  куыд у банысангонд афтæмæй,   политикон фарстыты æрдæм   хъауджыдæргонд  ахастмæ æнæкæсгæ,    экономикон   сферæйы  кæрæдзийæн пайдаджын   æмгуыстад  æнтыстджынæй рæзы.

«Афæдзы кæрон  дыууæфарсон  базарадон  зилдух,  иу æртыккаг хайæ  фылдæрæй  райрæзт  æмæ  иу миллиард АИШ-ы  доллармæ аххæссыд.  Уæрæсе у  гуырдзиаг продукцийы  сæйраг  импортер.

Сæрмагондæй та, уырыссаг базармæ  Гуырдзыстоны  кæнгæ  æххæст сæны  дыууæ æртыккаг хай æрцыд хаст.

Æнæцудгæйæ   парахат кæны  транспортон   бастдзинад дæр.   Бæлццæтты   рæзгæ къадайы  зæрдыларгæйæ,   дыууæ бæстæйы  авиацион   хицауад  кæсы  æфтауцæй  регулярон рейсыты   снысан кæныны  фарст.  Уæллаг Ларс-Хъазыбеджы  арæйнон – ауадзæн  пункты уæлвæтк режимæй  куысты   тыххæй, фылдæрæй-фылдæр   популярон кæны  æфсæнвæндагон-быранæй  бастдзинад  Порт-Кавказ æмæ  Поты æхсæн» –  дзырдæуы  фидиуæны.

Уыйимæ иумæ, уырыссаг фарс мæтæйдзаг  у  НАТО-Гуырдзыстоны  æмгуыстады   фæтыхджындæрæй.

«Уырыссаг фарс   разагъдта   мæстыдзинад  Гуырдзыстоны   АИШ-имæ æмæ НАТО-имæ  рæзгæ  æфсæддон   æмгуыстады тыххæй,  уый нымæцы  маневрты  ауадзыны, æхсæнгарзæй ифтонгады æмæ æфсæддон   ахуырты  тыххæй.   Фæнысан ис,  цæмæй  Тбилисы ахæм къурс,  æхсæнадæмон платформæтыл   конфронтацион антиуырыссаг  архæйдтытæй,   дыууæфарсон нормализацийы  æнтыстыты   тасы бын кæны» –  дзырдæуы  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны.

Уагдон  куыд банысан кодта   афтæмæй,   Прагæйы  фембæлды рæстæджы  Зураб Абашидзе  Уæрæсейы æрдгæй   таможнæты базарадон  администрирдзинады  æмæ мониторингы   бадзырды  сæйраг  принципты æнæкорректондзинады фарст бавдыста.

«Дзуаппæн йын æрхастой   документы конкретон текст. Афтæма  Григорий Карасин банысан кодта,  цæмæй  ацы æхсæнадæмон   бадзырды политикон   мидис  стыр рæстæджы  размæ бæрæг  хъауджыдæргонд   аргълæвæрдтæ зæгъгæ проблемæйæ ма хъуамæ   цæуой хаст.  Æрмæст ма хъуы  бадзырды сæххæст кæнын  йæ  домæнтæм куыд æмбæлы афтæ» –  дзырдæуы  фидиуæны.