Уæрæсейы фæсарæн хуъыддæгты  министрады хуъсын кæнынц, цæмæй   Украинайæн  дардмæ æхассæг хæстæрмæджы алæвæрд, Мæскуы нымайы  сырх хаххыл
Уæрæсейы фæсарæн хуъыддæгты министрады хуъсын кæнынц, цæмæй Украинайæн дардмæ æхассæг хæстæрмæджы алæвæрд, Мæскуы нымайы сырх хаххыл

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрады  райхъусын кодтой,  цæмæй   Украинайæн    дардмæ æхæссæг   хæстæрмæджы  алæвæрд, Мæскуы бынамйдзæн  сырх хаххыл.  Уый фæдыл   фидиуæн, Уæрæсейы  паддзахадон агентадимæ  интервьюйы  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны  ХПÆ-ы департаменты  дыккаг  хæдивæг  Алексей Полищук  сарызта.

Йæ дзырдæй  зæгъгæ,   Мæскуыйы  анализ кæнынц  АИШ-ы  æмæ йæ æмцæдисонты архæйдтытæ  мæ æ сырæзт уавæрмæ гæсгæйæ,   бæрæг кæнынц  дзуаппон къадзæфтæ.  Полищукы дзырдæй,  Мæскуымæ ис æгъгъæд  инструменттæ  сæ  реализацийæн.

Афтæма уыцы интервьюйы  Уæрæсейы   фæсарæн хъуыддæгты министрады  минæвар райхъусын кодта, цæмæй  аи Киевæн æххуыс кæны  хæцджыты  баххуырсын-сæхимæ расайыны  æмæ сын дæтты  хæстон архæйдтыты  ориентиртæ, кæцы Вашингтоны скодта  конфликты фарсæй.

Мæскуыйы афтæдæр хъусын кæнынц, цæмæй  нæйы зæгъгæ нæ дзурынц  Киевимæ бадзырдтыл.  Уæрæсейы  фæсарæн хуъыддæгты уагдоны минæвары дзырдæй,  зæгъгæ   æхсæнылæгы рол сыххæст кæныны фæндон бирæ бæстæтæ равдыстой, фæлæ  бадзырды размæ,   хъуамæ  тыхыбын бакæной Киевы,  ныууадза   хæстон  архæйдтытæ. Афтæма  йæ дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсе  цы ног территоритæ баиу кодта йæхимæ, уыдоны   ныхас  нæ цæудзæн.