Ираклий Гъарибашвили  Прагъæйы хайад райсдзæн, Евроцæдисы инициргонд европаг политикон æмгарады фыццаг саммиты
Ираклий Гъарибашвили Прагъæйы хайад райсдзæн, Евроцæдисы инициргонд европаг политикон æмгарады фыццаг саммиты

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Прагъæйы, Евроцæдисы инициргонд европаг   политикон   æмгарады  фыццаг саммиты райсдзæн хайад.

Чехы  сæйраг горæты, 6-7 октябры,  Евроцæдисы инициргонд  Европаг  политикон   æмгарады  фыццаг саммит ацæудзæн.  Саммиты  хайад райсдзысты  Евроцæдисы 27 уæнг æмæ 178 партнер паддзахады лидертæ.  Гуырдзыстоны хицауадон делегаци, хицауады  сæрдары  къухдариуæгæй  прагъæмæ  абон араст ис.

Гуырдзыстоны премьер-минстр Ираклий Гъарибашвили, Европаг  политикон   æмгарады бæстæты лидертимæ иумæ, тымбыл фынгы  форматы  плангонд бæрзонд  рангы  тематон  дискусситы  райсдзæн хайад.

Гуырдзыстоны делегацийы сконды, кæцыйæн къухдариуæг кæны  Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, сты   фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили æмæ  хицауады   администрацийы хистæр  Реваз Джавелидзе.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры  пресс-куыст.