Уæрæсейы анексиргонд Севастополы бынæттон хицауады информацийæ, горæты, Сау Денджызы флоты штабмæ æнæпилот тæхæн аппараты бырсты  фæстиуæгæн 5 адæймаг фæцæф ис
Уæрæсейы анексиргонд Севастополы бынæттон хицауады информацийæ, горæты, Сау Денджызы флоты штабмæ æнæпилот тæхæн аппараты бырсты фæстиуæгæн 5 адæймаг фæцæф ис

Уæрæсейы  анексиргонд Севастополы, Сау денджызы   флоты  штабыл æнæпилот  тæхæн аппаратæй  бырсты  фæстиуæгæн   5 адæймаг  фæцæф ис.  Информаци  уый фæдыл  «ВВС»-ы уырыссагæвзагон бюро  бынæттон  хицауадыл æнцойæ  хъусын кæны.

Анексиргонд  горæты  къухдариуæггæнæг Михаил Развожаевы дзырдæй,  æнæпилот тæхæн аппарат  Уæрæсейы  Сау Денджызы  флоты штабы  кæрты  сфиксир кодтой.  Цæф сты  штабы  кусджытæ. Ацытæккæ  бынатыл   кусы   Уæрæсейы  Федералон   æдасдзинады  куыст.

Развожаев куы дзуры  уымæ гæсгæйæ,  æрцæугæйы тыххæй  Сау Денджызы флоты  бон бьанысан кæнынæн   горæты  плангонд алы  мадзал  аивдтой.