Уæрæсейы æддагполитикон уагдон – Лугары лабораторимæ визитæй уæд уыдзæн пайда, кæд æмæ уырыссаг экспертты лабораторийы алы бæстыхаймæ бауадздзысты æмæ сын равдисдзысты алы фæндон документ
Гуырдзыстонæй айзæлгæ фидиуæнтæ, Уæрæсейæ рацæугæ дезинцофрмацийы фæдыл, провокацион сты æмæ сæ нысан у æхсæнадæмон дзыллæйы хъусдард ахæссын уыцы æфсæддон-биологион куыстæй, кæцы æххæст цæуы Лугары лабораторийы, – уый фæдыл банысангонд у куырдиаты, кæцыйы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад ахæлиу кодта.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ райгонд уыдзæн, Гуырдзыстоны æрдгæй, лабораторимæ уырыссаг экспертты бауадзынмæ цæттæдзинадæй, фæлæ куырдиаты афтæдæр дзырдæуы, цæмæй ахæм визит, æрмæст уæд уыдзæн пайдаджын, кæд æмæ уырыссаг экспертты, лабораторийы, алы бæстыхаймæ, уый нымæцы, америкаг специалистты бацахст уатмæ бауадздзысты æмæ сын рæувадат уыдзæн алы фæндон документ.
Фæнысангонд куырдиат, Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдон, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады куырдиаты дзуаппæн ахæлиу кодта. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады куырдиаты дзырдæуы, цæмæй «Гуырдзыстон куыд биологион хæцæнгарзы тобæйы конвенцийы бæрнон уæнг, цæттæ у фидæны æмæ цæттæ уыд раззаг азты дæр, райса компетентон уырыссаг экспертты, кæцытæм ис бар, æмбæлгæ æдасдзинады лабораториты инфраструктурæимæ архайын, фæлæ банысангонд визиттæ сыххæст кæнын гæнæн ис, æрмæстдæр конвенцийы фæлгæтты архайæг механизмтæм æмбæлгæйæ. Уый фадат уыдис 2018 азы дæр, фæлæ фарста фæлхатгæ инициркæныны цауы, Гуырдзыстон цæттæ у æркæса, æмбæлгæ фæлтæрын /визиттæ конвенцийы уæнг бæстæтимæ иумæ».