Уæрæсе  OSCE-ы парламентон ассамблейы йæ  æмхайад уромы
Уæрæсе OSCE-ы парламентон ассамблейы йæ æмхайад уромы

Уæрæсейы паддзахадон дума æмæ Федерацийы  совет  OSCE-ы парламентон  ассамблейы  куысты Уæрæсейы  делегацийы  æмхайад фæурæды  фæдыл иумæйаг  фидиуæн райстой.

Уыимæ Уæрæсе  уромы   организацийы  бюджетмæ  фидинаг фидын.

Уæрæсейы  парламенты дыууæдæр палатæ  OSCE-ы парламентон ассамблейы зылынжын кæнынц, «Æфхæрæн æмæ  дискриминацион балæудты, дывæр стандартты, тоталон  русофобийы, ома предметон  дискуссимæ нæу  цæттæ, уый нымæцы   æмбæр æмæ æнæдихаг æдасдзинад сæнæмæт кæныны актуалон фарстатыл».

Уæрæсейы Федерацийы советы  сæрдар Валентина Матвиенко  æхсæнадæмон ахастыты  комитетæн бахæс кодта, æмбæлгæ  уынаффæйы фæдыл OSCE-ы парламентон ассамблейæн æнæаргъæвгæйæ  фехъусын кæнын.

Сырæзт  уавæры расайгæй  уырыссаг закъонгæнджытæ  Уырысы  делегацийы   уæнгтæн, визæты  алæвæрдыл Румынийы  дæуд  схуыдтой.

OSCE-ы парламентон ассамблейы æрвылазон  сессийы  фысым  уыдис Бухарест.