Уæрæсе-Гуырдзыстоны æхсæн комкоммæ тахтытæ абонæй официалонæй урæд æрцыдысты.
Уæрсейы уынаффæйæ бæстæты æхсæн комкоммæ тахтытæ уромынц æхсæз уырыссаг æмæ дыууæ гуырдзиаг авиакомпанийы.
Тахтытæ бауромыны фæдыл бардзырд рауагъдта Уæрæсейы президент Владимир Путин 21 июны.
Путин Уæрæсейы хицауадæн афтæдæр бахæс кодта, Гуырдзыстоны рæстæгмæ уæвæг Уæрæсейы æмбæстæгты бæстæмæ æрыздахын. Афтæма, бахæс кодта туроператортæн, тобæйы периоды, ма адæттой балцæгтæ Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ.
Авиа-змæлды баурæды онг, Гуырдзыстонæй Уæрæсемæ фæстаг комкоммæ рейсытæ знон сæххæст сты.
Уæрæсейы æрдгæй уагæвæрд санкциты тыххæй, авиакомпани «Джорджиан Эарвейс» абонæй Тбилис-Мæскуы-Тбилисы æрдæм комкоммæ тахтыты ранывæзт ивы æмæ бæлццæттæн балæккад кæндзæн Тбилис-(Ереван)-Мæскуы, (Ереван)-Тбилисы маршрутæй.