Дмитрий Песков – Нормандиаг формат Украинайы  конфликтæн сырæзт, Гуырдзыстоны цауы та, ныхас  цæуы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны дыууæфарсон ахастытыл
Дмитрий Песков – Нормандиаг формат Украинайы конфликтæн сырæзт, Гуырдзыстоны цауы та, ныхас цæуы Уæрæсе-Гуырдзыстоны дыууæфарсон ахастытыл

Проблемæты структурæ хъауджыдæр у,  уый  тыххæй   алкæцы  структурæйæн  хъуамæ  уа  йæхи сæрмагонд  формат –  загъта  Уæрæсейы президенты   пресс-спикер,  Гуырдзыстоны  президенты  инициативæйы дзуаппæн.

Дмитрий Песковы дзырдæй, зæгъгæ  Нормандиаг   формат   уникалон у  æмæ  уый  Украинайы   Хуссар-Скæсæны   конфликты  срегулир кæнынæн   сырæзт,  кæцы Украинайы  мидконфликт у.  Уæрæсейы   президенты пресс-спикеры   куырдиатæй,   Гуырдзыстонмæ гæсгæ  дзырдæуы   Уæрæсейы æмæ  Гуырдызстоны æхсæн ахастытыл.

«Ам ныхас кæнæм Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дыууæфарсон   ахастытыл,  кæцы  ацы тæккæ,  хуымæтæгæй   куы зæгъæм, уæд   фæхуыздæр фæндон  æвзæрын кæны. Ацы  фæфыддæр  куыд  зонæм афтæмæй, уыд   уыцы рæстæгон  Гуырдзыстоны  къухдариуæгады  тынг æнæхæлар   политикæйы æмæ  агрессивон архæйдтыты  фæстиуæг», – райхъусын кодта  Песков.

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили,  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  алæвæрд «Сæрибар Цæстæнгасы» Женевæйы форматы æмæ Уæрæсеимæ ахастыты  фарстайыл  ныхасы рæстæджы  загъта,  цæмæй  зæгъгæ ницæйаг  сты Уæрæсеимæ  ахастыты  техникон форматтæ,  диалог æмæ бадзырдтæ  нæ  нысан кæнынц   уæлдай  уадзын.   Президент афтæдæр  загъта: «Ныгуылæйнаг   партнертæн хъуамæ дзурæм,  цæмæй  нæ хъæуы   Нормандиаг  форматы æнгæс форматтæ».