«Тв Пирвели» æмæ  телеакæнæг  Майя Мамулашвилийæн Каха Каладзейы æрдæм моралон зианы компенсацийы хуызæй  15 000 лари бафидын, æмæ  ахæлиугонд информаци мæнгæй равдисыны хæс стæрхон кодта
«Тв Пирвели» æмæ телеакæнæг Майя Мамулашвилийæн Каха Каладзейы æрдæм моралон зианы компенсацийы хуызæй 15 000 лари бафидын, æмæ ахæлиугонд информаци мæнгæй равдисыны хæс стæрхон кодта

Тбилисы горæты тæрхондон «Тв Пирвели» æмæ   фæнысангонд каналы  телеакæнæг Майя Мамулашвилийы  ныхмæ Тбилисы мэр Каха Каладзе  хъастыл уынаффæ  рахаста.

Тæрхондон, «Тв Пирвели» æмæ   фæнысангонд каналы  телеакæнæг Майя Мамулашвилийы  ныхмæ Каха Каладзе  хъастимæ хайгай  сразы ис.

Телекомпани  «Пирвелийы» æмæ  Майя Мамулашвилийæн, стæрхон ис, Каладзейæн   моралон зианы  компенсацийы хуызæй  15 000  ларийы бафидын, афтæма  телекомпанийæн бахæс ис  Тбилисы мэрийы фæдыл  ахæлиугонд  хъусинæгты мæнгæй равдисын. Сæрмагондæй та, иргъæвæг фарсы фидиуæнæй,  Мамулашвили   информаци равзæрæн  æнæбавдисгæйæ,   бæлвырдгæнгæ  формæйæ  загъта, цæмæй Каладзе  тендертæй  60  милуан   лари  райста.

Тбилисы мэр журналисты  æхсæнадонæй   ахæлиугонд  информаци мæнгæй равдисын  æмæ  100 000 ларийы  бæрц ивар бафидын   домтта.