Туркы президент 2013 æм азы протестон акциты финансирдзинады Джордж Соросы фæахосджын кодта
Туркы президент 2013 æм азы протестон акциты финансирдзинады Джордж Соросы фæахосджын кодта
Уый фæдыл Реджеп Таип Эрдогъан Анкарайы ныхасæй рацыды рæстæджы расидтис.
«Ацы цауты финансир кодта зындгонд венгрийаг дзуттаг Сорос. Ацы адæймагмæ тынг бирæ æхца ис æмæ сæ хардз кæны адæмы адих æмæ хицауадты ныппырхыл» – банысан кодта Туркы президент.
Протестон акцитæ 2013-æм азы Туркы горæт Стамбулы ацыдысты, кæд æмæ Таксимы фæзыуатыл æрымбырдгонд демонстранттæ Гезы паркы бæлæсты лыг спротест кодтой.