Туркаг æфсæддæттæ Африны стратегион бæрзæнд Бурсеа ноджы иу хатт бацахстой

Туркаг  æфсæддæттæ   Африны   стратегион   бæрзæнд   Бурсеа  ноджы иу  хатт бацахстой.   Фæнысангонд   бæрзæнды  бацахсын  æфсæддæттæн фыццаг хатт бантыст  22  январы, фæлæ фæстæдæр  курдæгты  ныхмæлæууды  тыххæй  фæстæмæ алæууыдысты.

Турчы  гарзджын   тыхты   генералон штабы  хъусинагæй,   æфсæддон опреаци  «Зетибæласы къалиу»-ы райдаынæй  абоны онг,   Турчы  æфсад  нфццагъдта 450-йæ фылдæр террористы.

Турк  æфсæддон архæйдтытæ Сирийы   территорийыл уæвæг  курдаг хæцджыты   ныхмæ  20  январы  райдыдта.   Официалон   хъусинагæй,    операцийы рстæджы,  Турчы æххуысæй  архайæг  «Сæрибар Сирийы  Армийы»  æмæ Турчы  гарзджын тыхты, 20  уæнгы фæхъуыдысты.