Туризмы националон администраци - Гуырдзыстон 2023 азы туризмæй рекордон 4.1 миллиард доллары æфтиаг райста
2023 азы æхсæнадæмон туризмæй æфтиæгтæ 2019 азы бæрцæйы 26,2% (856,7 млн АИШ долларæй) уæлдай сты, æрмæст 2022 азы бæрæггæнæнтæй та +17,3% (608.7 млн АИШ долларæй), – уый фæдыл информаци публикаци кæны туризмы нациналон администраци.
Афтæма сæ хъусинагæй, Гуырдзыстон рекордон 4.1 миллиард доллары æфтиаг райста.
Бæлццæттæй райсгæ æфтиæгтæ 2023 азы цыппæрæм кварталы 873,677,043 АИШ доллармæ бахæццæ сты.
Туризмы националон администрацийы хуъсинагæй, 2019 азы аналогион бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ рæзт – 27.4 проценты бæрц у.
«Ивгъуыд азы æфтиæгты рæзтимæ иумæ нысаниуæгджынæй райрæзтис бæлццæтты визиттæ. 2023 азы Гуырдзыстонмæ 7 072 220 æхсæнадæмон бæлццоны визиты сыххæст, кæцы пандемийы размæ периоды бæрæггæнæнты 75.6%æй сног у, 2022 азимæ абаргæйæ та рæзт у +30.3%-ы бæрц. Ивгъуыд азы Гуырдзыстонмæ сыххæст ис 4 669 467 æхсæнадæмон туристон визит, кæцы 2019 азы бæрæггæнæнты 91.9%-æй сног у, 2022 азимæ абаргæйæ та рæзт у +27.8%-ы бæрц.
2023 азы октябры-декбары периоды Гуырдзыстонмæ сæххæст ис 1 505 240 æхсæнадæмон бæлццоны визит, кæцы пандемийы размæ периоды бæрæггæнæнты 71%-æй сног у.
2023 азы IV кварталы 1 013 891 æхсæнадæмон туристон вииты сыххæст ис, кæцы 2019 азы бæрæггæнæнты 92%-æй сног у», – банысангонд у туризмы националон администрацийы информацийы.