Турчы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмард Гуырдзыстоны æмбæстаг, – уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министрад хъусын кæны.
Министрады информацийæ, Гуырдзыстоны дипломатон минæварад нырид контактыл ис фæмардуæвæгы бинонты уæнгтимæ æмæ Турчы æмбæлгæ уагдæттимæ.
«Тырчы Республикæйы Гуырдзыстоны минæварадмæ бацыд хъусинаг зæххæнкъуысты фæстиуæгæн Анталиайы Гуырдзыстоны æмбæстагы Н.З.-ы мæлæты фæдыл Гуырдзыстоны дипломатон минæварад нырид контактыл ис куыд фæмардуæвæгы бинонты уæнгтимæ, афтæ Турчы æмбæлгæ уагдæттимæ», – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хуъыддæгты министрады.
Фидар зæххæнкъуыст Турчы боныцъæхыл уыд. Фæстаг бæрæггæнæнтæй, зæххæнкъуысты фæстиуæгæн, бæстæйы 912 адæймаг амард æмæ 5385 та цæфтæ сты.