Турчы зæххæнкъуыстыамæттæгты нымæц 3381-ы онг фæфылдæр ис.
Турчы катастрофæты æмæ уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куысты информацийæ, стихийы фæстиуæгæн цæфты нымæц сырæзт 20 426 –ы онг.
Дыууæ фидар зæххæнкъуыст æмæ 185 хицæн схуыст Турчы 11 провинцийы, сæ нымæцы Шанлиурфайы, Османиейы, Малатиайы æмæ Диарбакиры сфиксир ис. Ахæлиугонд хъусинагæй, зæххæнкъуыстытæ Турчы 5600-æй фылдæр бæстыхай скуынгæ кодтой. Ирвæзынгæнæн-агурæн операцийы фæлгæтты, Турчы 7800-æй фылдæр адймагы фервæзын кодтой.