Турчы парламент Азербайджанмæ туркаг æфсæддтты арвитыныл уынаффæ кæны
Турчы парламенты уынаффæ кæнынц Азербайджанмæ туркаг æфсæддæтты арвитыны фарстайыл. Информацийы хъусын кæны туркаг медиа.
«Иуæймаг центры бынат сбæлвырд кæндзæн Азербайджан. Центры уыдзысты æфсæддæттæ æмæ бахъуаджы цауы æмбæстагон уæнгтæ. Центры куысты нысан у Хуссар Кавказы стабилондзинад сифтонг кæнын. Туркаг æфсæддæтты арвыст бæстæйы националон интерестæм æмбæлон у», – дзырдæуы документы.
Мисиийы сконд æмæ йæ куысты æмгъуыдты Турчы президенты администраци бæлвырд кæндзæн.