Турчы хицаугæнæг партийы спикер хъусын кæны, цæмæ Реджеб Тайип Эрдогъан, иннæ къуырийы Сочæйы Владимир Путинимæ фембæлдзæн
Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан иннæ къуырийы Уæрæсемæ абалц кæндзæн æмæ Владимир Путинимæ фембæлдзæн, – уый фæдыл Турчы хицаугæнæг, Рæстагдзинады æмæ райрæзты партийы спикер, омер Челик райхъусын кодта.
Челикы дзырдæй, зæгъгæ Эрдогъаны Уæрæсемæ визит æмæ президент путинимæ фембæлын гæнæн ис нысан кæны прогресс Уæрæсейы Сау Денджызы хоры бадзырдмæ æрыздахынæн.
«Эрдогъан ныры онг къухдариуæг кодта интенсивон дипломатийæн, цæмæй йæ къух сарызтаит глобалон хæлцадон кризис маруадзынæн», – райхъусын кодта Челик.
Челик мабафтыдта, цæмæй фембæлд Сочæйы ацæудзæн.
Уæдмæ Владимир Путин Эрдогъанимæ телефонон ныхасы банысан кодта, цæмæй Мæскуы цæттæ у æрыздæха Сау Денджызы хоры бадзырдмæ, куыддæр ныгуылæн сыххæст кæндзæн йæ хæстæ Уæрæсейы æрдгæй хоры экспортмæ гæсгæйæ.