Турчы хæрдмæтæхæджы катастрофæйы фæстиуæгæн фæмард сты фондз æфсæддоны
Турчы хæрдмæтæхæджы катастрофæйы фæстиуæгæн фондз æфсæддон фæмард. Ай фæдыл информаци Туркы хихъахъæнады министрад парахат кæны.
Уагдоны фидиуæны куыд ис банысангонд афтæмæй, инцидент Турчы централон хайы, Эскишехиры провинцийы æрцыд.
Сæ ныхæстæм гæсгæ, хæрдмæтæхæг АС-532 ахуырадон рейс æххæст кодта. Хæрдмæтæхæджы катастрофæйы аххосаг нырма бæрæг нæу. Уый фæдыл цæуы фæдагуырд.
Уый размæ, 12-æм ноябры, Турчы скæсæны Малатиайы районы æфсæддон хæрдмæтæхæджы катастрофæйы фæмард цыппар æфсæддоны.