Болнисы, Машаверайы хохыл, ссардтой, æвæццæгæн, неолиты ныгæнæн; уый у фыццаг ныгæнæн ацы рæстæгæй, кæцы ссардтой Гуырдзыстоны
Болнисийы муниципалитеты Машаверайы хохы археологон бынаты археологон скъахтыты рæстæджы ахуыргæндтæ ссардтой æнхъæлцау неолиты ныгæнæн бынат, цыран уыдысты æнахъомы стæгдартæ. Уый фæдыл Гуырдзыстоны культурон бынтæ бахъахъæды националон агентад парахат кæны.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, ссардæн ис уæлдай зонадон нысаниуæг, уымæн æмæ Гуырдзыстоны ацы периоды бынæтты раздæр ныгæнæнтæ не ссардтой.
«Райсгæ æрмæджытæн хъæуы уæлæмхас зонадон иртæстытæ, уый фæстæ уыдзæн гæнæн сбæрæг кæнын ацы раиртæсты бæлвырд нысаниуæг».
Археологон æрзæткъахæн бынат бабæрæг кодта Культурон бынтæ бахъахъхъæныны националон агентады генералон директоры хæдивæг Теа Ониани; Националон музейы генералон директор Давид Лорткипанидзе; æмæ Генералон директоры хæдивæг Церетели Михеил; æмæ Болнисы муниципалитеты мэр Замур Читанава; æмæ Болнисы муниципалитеты мэр Александр Забахидзе.
Экспедицийы къухдариуæггæнæг Джони Абуладзе бавдыста информаци æнхъæлмæкæсинаг датæйы æмæ раиртæсты нысаниуæгы фæдыл.
Археологион куыстытæ Гуырдзыстоны националон музейы экспедици, культурон бынтæ бахъахъæды националон агентады финансирдзинадæй, æххæст кæны.
Машаверайы хох у дунейы зындгонд Шулавери-Шомутепейы археологон культурæйы (нæ эрæйы агъоммæ 6-æм миназы) егъау цыртдзæвæн. Неолиты æмвæзадтимæ иумæ ам ис астæуккаг æнусты культурон æмвæзадтæ дæр, кæцытæ дзурæг сты ацы ран адæймаджы дæргъвæтин цæрæнбынатыл.
Археологон скъахтыты рæстæджы рабæрæг сты цæрæн æмæ базарадон арæзтæдтæ æнæфыцгæ æлыгæй конд къæйдуртæй, характерон сты нæ эрæйы агъоммæ 6-æм миназы, тымбыл æмæ овалон æвæрдæй.
Сбæрæггонд артефакттæ ирдæй æвдисынц рагон хъæууон хæдзарадон æхсæнады цардуаг æмæ рæзынады æмвæзад» -ис фыст информацийы, кæцы Гуырдзыстоны культурон бынты хъахъæды националон агентады парахат кæны.