Гудаури (Поста)-Къобы хайыл фæндагон змæлд тобæгонд у
Гудаури (Поста)-Къобийы хайыл фæндаггон змæлд тобæгонд у – уый фæдыл фæндæгты хæдзарады департаменты хъусын кæнынц.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, тобæдзинады аххосаг уыд зæйты тæссагдзинад.
«Националон экологион агентады информацийæ, æппæтдунеон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм Мцхета-Степанцминда-Ларсийы автомагистралы Гудаури (Поста)-Къобийы хайыл лавинæйы тæссагдзинады æмвæзад у бæрзонд, км93-км107, цæй тыххæй дæр снысангонд хайыл рæстæгмæ тобæгонд у автотранспорты алы хуыз.
Автомагистральы иннæ хайыл змæлд у сæрибар», -ис фыст информацийы.