Турчы ирвæзынгæнæн мадзæлттæм баиу кæнынмæ Гуырдзыстонæй ноджы 40 ирвæзынгæнæг абалц кодта
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куысты зынгвæдисон-ирвæзынгæнджытæ кæцытæ Турчы Республикæйы æрцæугæ зæххæнкуъысты фæстиуджыты ликвидацион æмæ ирвæзынгæнæн мадзæлтты исынц хайад, ноджы 40 гуырдзиаг звынгвæдисон-ирвæзынгæнæг баиу уыдзæн.
Уæлæмхас бал Гуырдзыстонæй Турчы Республикæмæ нырид араст ис.
Мидхъуыддæгты министрады пресс-куысты информацийæ, ирвæзынгæнджытæ горæт Адиаманы уæвæг гуырдзиаг ирвæзынгæнджыты уыцы балмæ баиу уыдзысты, кæцытæ æнæаскуынгæ режимæй æххæст кæнынц ирвæзынгæнæн мадзæлттæ æмæ кæцытæ иу адæймаджы фервæзын кодтой.
Гуырдзиаг ирвæзынгæнджытæ Тбилисы æхсæнадæмон аэропортæй уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куысты хистæр, Теймураз Мгъебришвили æмæ Гуырдзыстоны Турчы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Али Каан Орбайи ахизын кодтой.